Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 64 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.

2 Хуыцау! Кады аккаг Ды дӕ Сионыл, нӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм Дӕ разы.

3 Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд, Дӕу агуры алчи.

4 Мӕ тӕригъӕдтӕ мыл уӕлахиз кӕнынц; Ды нӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ нӕ азымӕй.

5 Тӕхудиаг у, Ды кӕй равзӕрстай, Дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, уый. Дӕ уаз Кувӕндоны, Дӕ хӕдзары мах амондджын уыдзыстӕм.

6 О, карз ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕг, фехъус нӕ! О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг! Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕн, денджызы фале дард бӕстӕтӕн Ды дӕ сӕ ныфс.

7 Дӕ хъаруйы фӕрцы ӕрӕвӕрдтай хӕхтӕ, хъомысӕй сфӕлыстай Дӕхи.

8 Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.

9 Зӕххы кӕрӕтты Де ’вдисӕйнӕгтӕй адӕм фыр тӕссӕй ризынц, скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.

10 Ды аудыс зӕххыл, донӕй йӕ ’фсадыс, дӕттыс ын бӕркад. Хуыцауы цӕугӕдон донӕй хъӕздыг у. Ды ӕрзайын кӕныс хор — ахӕм ӕгъдау радтай зӕххӕн.

11 Йӕ ауӕдзтӕ йын донӕй бафсадыс, ныммур ын кӕныс йӕ къуыбӕрттӕ, ӕрфӕлмӕн ӕй кӕныс уарыны ӕртӕхтӕй, йӕ тыллӕгыл ӕруадзыс Дӕ арфӕ.

12 Дӕ хорзӕхӕй нӕ куы схайджын кӕныс, уӕд аз — бӕркадджын,

13 быдыры сӕрвӕттӕ — сойджын, къуыбыртӕ — цинӕй фӕлыст;

14 фӕзты — бирӕ фос, дӕлвӕзтӕ нал фӕзынынц хорӕй, цин фӕкӕнынц ӕмӕ зарынц.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan