Псаломтӕ 63 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2 О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, знаджы тасӕй мӕ бахиз; 3 мӕнгард лӕгты фыдвӕндтӕй, фыдгӕнджыты фыдракӕндтӕй мӕ бахъахъхъӕн. 4 Се ’взӕгтӕ карды комау сцыргъ кодтой, суагътой сӕ фаттӕ — маргӕйдзаг ныхӕстӕ, 5 цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой. Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц. 6 Фыдвӕндтӕ аразынц, тӕрхӕттӕ кӕнынц, сӕ ахсӕн хыз хуыздӕр кӕм сӕвӕрой, ууыл. Дзурынц: «Цӕй, чи нӕ фендзӕн?» 7 Фыдвӕндтӕ аразынц, фӕзӕгъынц: «Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм! Нӕ зӕрды цы ис, уый ничи зоны!» 8 Хуыцау сӕ фехсдзӕни Йӕ фатӕй, ӕвиппайды фӕмард уыдзысты. 9 Се ’взаг сӕ фесафдзӕн, чи сӕ уына, уыдон сӕ дӕрдты лидздзысты. 10 Ӕмӕ тас бацӕудзӕн адӕмы, дзурдзысты Хуыцауы хъуыддагыл, бамбардзысты — Уый Хуыцау сарӕзта. 11 Рӕстгӕнӕг та Дунедарӕгыл цин кӕндзӕн ӕмӕ Йыл йӕ зӕрдӕ дардзӕн. Рӕстзӕрдӕтӕ Йӕ се ’ппӕт дӕр стаудзысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia