Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 62 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд.

2 О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.

3 Раргом мӕм Дӕ Кувӕндоны, федтон Дын Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъару.

4 Дӕ хорзӕх мын цардӕй у зынаргъдӕр, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.

5 Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.

6 Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.

7 Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.

8 Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын.

9 Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.

10 Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт;

11 кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!

12 Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan