Псаломтӕ 61 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Йедутуны мелодимӕ гӕсгӕ. Давиды псалом. 2 Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн. 3 Ӕрмӕстдӕр Уый у мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ фидар гӕнах — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн. 4 Кӕд ныууадздзыстут уӕ фыдракӕндтӕ? Уӕ зӕрды ис адӕймаджы амарын! Сымах стут кӕлӕддзаг къулы, саст гӕрӕны ’нгӕс. 5 Уӕ зӕрды ис адӕймаджы бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын, фӕливын уын ӕхсызгон у. Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц, зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ. 6 Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссар ӕнцой, мӕ уд! Мӕ зӕрдӕдарӕн Уый у! 7 Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн. 8 Хуыцау — мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ кад, мӕ фидар къӕдзӕх, ме ’мбӕхсӕн. 9 О адӕм! Уӕ зӕрдӕ Йыл кӕддӕридӕр дарут, ӕргом Ын кӕнут уӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ; нӕ ныфсы мӕсыг — Хуыцау. 10 Адӕймаг ницы у, лӕджы фырттӕ сты мӕнг; барӕнтыл сӕ куы ӕрӕвӕрай, уӕд иууылдӕр иумӕ — уӕлдӕфӕй рогдӕр. 11 Давӕггӕгтӕй ма ут ныфсджын, ӕфтиӕгты фӕрцы ма фервӕссут уӕхиуыл, куы схъӕздыг уат, уӕд уӕ зӕрдӕ мулчы фӕдыл ма сӕрра уӕд. 12 Дунедарӕг ӕй иу хатт загъта, хъусгӕ та йӕ дыууӕ хатты фӕкодтон: хъару Дунедарӕгмӕ ис. 13 О Дунедарӕг, Дӕумӕ ис хорзӕх. Ды алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидыс. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia