Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 60 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.

2 О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд!

3 Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.

4 Ды — ме ’мбӕхсӕн, мӕ фидар мӕсыг знӕгты ныхмӕ.

5 Уадз, ӕнусмӕ Дӕ цатыры ’рцӕрон, Дӕ базыры бын ссарон ӕнцой.

6 О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.

7 Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;

8 мыггагмӕ Хуыцауы раз паддзахиуӕг куыд кӕна, уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕй куыд хъахъхъӕной.

9 Дӕ номы кадӕн зардзынӕн мыггагмӕ, мӕ сомытӕ ’ххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan