Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.

2 Курын Дӕ, о Дунедарӕг, Дӕ маст куы судза, уӕд мыл Дӕ азар ма ныххуырс! Фыр мӕстӕй цӕхӕртӕ куы калай, уӕд-иу мӕ ма бафхӕр карзӕй!

3 Батӕригъӕд кӕн, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбон дӕн. Сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг, — ме стджыты онг баризы мӕ буар,

4 мӕ уд хъизӕмар кӕны. О Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзӕни афтӕ?

5 Раздах мӕм Де ’ргом, Дунедарӕг, бахиз мӕ мӕлӕтӕй! Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис, уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!

6 Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?

7 Бафӕлладтӕн мӕ хъӕрзынӕй, ӕрвылӕхсӕв мӕ сынтӕджы калын мӕ цӕссыг, цӕстысыгӕй мӕ хуыссӕнуат ныхсын.

8 Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй, ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын.

9 Фесӕфут мӕ разӕй, фыдгӕнджытӕ, — Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ дзыназын!

10 Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!

11 Ме знӕгтӕ фӕхудинаг уыдзысты, састы бынаты баззайдзысты, лидзӕг фӕуыдзысты ӕгадӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan