Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 58 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд, Саул ын йӕ хӕдзармӕ марджытӕ куы барвыста, уӕд.

2 О мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕй мӕ бахиз! Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн!

3 Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй, тугцъиртӕй мӕ фервӕзын кӕн!

4 Амарынвӕнд мӕ скодтой, бабадтысты мӕ размӕ. О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон, нӕдӕр — тӕригъӕд, афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!

5 Аххосджын нӕ дӕн, афтӕмӕй хӕстифтонгӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц. Фӕзын мӕм ӕххуысмӕ, ӕркӕс мӕ уавӕрмӕ!

6 О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!

7 Ӕрвылизӕр фӕзынынц, сахары алыварс зилынц куыйтау.

8 Сӕ дзыхӕй фауӕн ныхас рацӕуы, кардӕй уӕлдай не сты се ’взӕгтӕ. «Чи нӕ фехъусдзӕн?» — хъуыды кӕнынц уыдон.

9 Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.

10 Ды — мӕ хъару, ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл; Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.

11 Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.

12 Маргӕ сӕ ма акӕн, уадз, мӕ адӕмӕй мацы ферох уа. Ныффӕйлау сӕ Дӕ хъаруйӕ, сӕ зонгуытыл сӕ ’рлӕууын кӕн. О Дунедарӕг, Ды — нӕ уарт!

13 Сӕ тӕригъӕд — сӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, куыд схъал сты, афтӕ сӕхи хызы бахауӕнт; сӕ былалгъыл — мӕнг ард ӕмӕ мӕнгдзинад.

14 Дӕ азары хай сӕ бакӕн! Фесаф сӕ, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа! Уадз, зӕххы цъарыл алчидӕр базона, Йаковы фӕдонтӕн Хуыцау сӕ хицау кӕй у, уый.

15 Уыдон ӕрвылизӕр ӕрбаздӕхынц, сахары алыварс зилынц куыйтау.

16 Къӕбӕр агурӕг зилынц ӕмӕ, сыдӕй мӕлгӕйӕ, ниуынц.

17 Ӕз та зардзынӕн Дӕ тыхыл, сӕумӕйӕ расиддзынӕн Дӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ фыдбылызы заман Ды уыдтӕ мӕ хъахъхъӕнӕг, мӕ мӕсыг.

18 Ды — мӕ хъару, зарӕджы Дӕ стаудзынӕн. Хуыцау — мӕ мӕсыг, Хуыцау ауды мӕныл!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan