Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 56 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд, Саулӕй лӕгӕты йӕхи куы бааууон кодта, уӕд.

2 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. Дӕ базыры бын мӕ бакӕн, цалынмӕ мӕм фыдбылыз кӕсы, уӕдмӕ!

3 Ӕз дзыназын Иууылбӕрзонд Хуыцаумӕ, Чи мыл ауды, Уымӕ.

4 Уый мын Йе ’ххуыс ӕрӕрвитдзӕн уӕларвӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, фегад кӕндзӕн Мӕ фӕдылзилджыты. Хуыцау мыл ӕруадздзӕни Йӕ хорзӕх, Йе ’цӕгады фарн.

5 Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн. Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ, се ’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.

6 О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

7 Мӕ къӕхты размӕ мын сӕвӕрдтой къӕппӕг, ӕмӕ мӕ удӕн асасти йӕ ныфс; мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм, фӕлӕ дзы ныххаудысты сӕхӕдӕг.

8 Мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, Хуыцау, фӕфидар ис мӕ зӕрдӕ: ӕз зардзынӕн, зарӕгӕй Дӕ стаудзынӕн.

9 Уӕдӕ райхъал у, мӕ уд, райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр! Ӕз хуры дӕр райхъал кӕндзынӕн!

10 Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты ’хсӕн Дӕ стаудзынӕн, алы знӕмты раз Дын кады зарӕг сисдзынӕн!

11 Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм, Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг!

12 О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan