Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Дард ран бадӕг ӕдзӕм бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды кадӕг. Филистимӕгтӕ йӕ Гаты сахары куы ’рцахстой, уӕд.

2 О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Адӕм мӕ фӕдыл зилынц, лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.

3 Ме знӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон мӕ фӕдыл зилынц, бирӕ сты мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕ.

4 Тасы куы бацӕуын, уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.

5 Кӕй дзырдӕй ӕппӕлын, уыцы Хуыцау мӕ ныфс у, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?

6 Ӕрвылбон мын уыдон фауынц мӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ, цы фыд мын ракӕной, ууыл сты сӕ хъуыдытӕ.

7 Фыдвӕндтӕ кӕнынц, бабадынц мӕ размӕ, мӕ алы къахдзӕф дӕр мын хъахъхъӕнынц, цӕмӕй мӕ уд бахауа сӕ ахӕсты.

8 Ау, сӕ азым ӕнӕ ’фхӕрдӕй баззайдзӕн? О Хуыцау, Дӕ азары хай бакӕн адӕмты!

9 Дӕумӕ фыст сты ме ’ппӕт тухӕнтӕ, мӕ цӕссыгтӕ мын Дӕ мигӕнӕны нывӕр, уадз ӕмӕ Дӕ чиныджы уой.

10 Куыддӕр Дӕм скувын, афтӕ ме знӕгтӕ лидзӕг фӕвӕййынц — уымӕй базонын, Хуыцау ме ’вварс кӕй у, уый.

11 Кӕй ныхас стауын, уыцы Хуыцауыл, Кӕй дзырд стауын, уыцы Дунедарӕгыл

12 мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?

13 О Хуыцау, ӕз Дӕ разы сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ сомытӕ, ӕрхӕсдзынӕн Дын арфӕйы нывӕндтӕ!

14 Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй, мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй, цӕмӕй Хуыцауы раз царды рухсы цӕуон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan