Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зондамонӕн псалом.

2 Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.

3 Хуыцау уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, ахӕм иу ӕмбаргӕ адӕймаг ис?

4 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, фехӕлдысты се ’ппӕт дӕр; хорздзинад ничиуал кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.

5 «Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»

6 Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд, уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн. Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи.

7 Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни, ӕмӕ Израил райдзӕни.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan