Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды зондамонӕн псалом.

2 Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.

3 Цы ’ппӕлыс дӕ фыдракӕндӕй, тыхджын? Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.

4 Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.

5 Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.

6 Уарзыс ды, сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ, мӕнгард ӕвзаг дын у ӕхцон.

7 Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.

8 Уый фенгӕйӕ, тас бацӕудзӕни рӕстудты, фӕхуддзысты дыл ӕмӕ зӕгъдзысты:

9 «Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди, йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл, йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».

10 Ӕз та — Хуыцауы хӕдзары цъӕх чи дары, уыцы оливӕ бӕласау, Хуыцауы хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн мыггагмӕ.

11 О Хуыцау, стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл — иузӕрдион Дыл чи у, уыдонӕн уый фарн хӕссы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan