Псаломтӕ 50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2 Давид ӕмӕ Вирсавийы ӕрӕмуаты фӕстӕ Давидмӕ пехуымпар Натан куы бацыди, уӕд. 3 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй Де стыр уарзты хатырӕй. 4 Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй! 5 Сӕттын мӕ рӕдыдыл, мӕ тӕригъӕд ӕдзух — мӕ разы. 6 Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон. 7 Тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн, тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны. 8 Ӕнувыд зӕрдӕ ӕхцон у Дӕуӕн, Дӕ уӕлзондӕй мын срухс кодтай мӕ миддуне. 9 Иссопӕй мӕ бапырх кӕн, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕн, цӕхс мӕ, ӕмӕ митӕй урсдӕр суыдзынӕн. 10 Цин ӕмӕ мын хъӕлдзӕгдзинад ратт, ӕмӕ уӕд райдзысты ме стджытӕ — Ды кӕй ныссастай, уыдон. 11 Мӕ тӕригъӕдтӕй аздах Дӕ цӕсгом, ссыгъдӕг мӕ кӕн ме ’ппӕт азымтӕй. 12 О Хуыцау, ссыгъдӕг мын кӕн мӕ зӕрдӕ, раст уд мын сног кӕн мӕ мидӕг. 13 Ма мӕ фӕсур Дӕхицӕй, Дӕ Сыгъдӕг Удӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн. 14 Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн. 15 Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты. 16 Туджы азымӕй мӕ бахиз, Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ ме ’взаг стаудзӕни Дӕ рӕстад. 17 О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн! 18 Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй, иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты. 19 Саст зӕрдӕ — ӕцӕг нывонд Хуыцауӕн; ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕйыл Ды Дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ, Хуыцау. 20 Дӕ хорзӕхтӕй схайджын кӕн Сионы, Йерусалимы систӕ самай! 21 Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ; уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты Дӕ нывондхӕссӕныл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia