Псаломтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: удӕфонты цагъдимӕ. Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ ныхӕстӕ, бамбар мын мӕ уынӕргъын! 3 О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд! 4 О Дунедарӕг! Ды мын ӕрвылрайсом хъусыс мӕ хъӕлӕс, ӕрвылрайсом Дӕ разы ӕз ныфсӕнхъӕлӕй ӕрлӕууын. 5 Фыддзинад Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дӕ цуры фыдгӕнӕгӕн бынат нӕй. 6 Къӕйных нӕ фӕлӕудзӕн Дӕ разы, ӕнаккӕгтӕ ӕнӕуынон сты Дӕуӕн. 7 Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды, марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны. 8 Ӕз та Де стыр хорзӕхы фӕрцы бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ, Дӕ Кувӕндоны, аргъуыцгӕнгӕ, бакувдзынӕн. 9 О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг! 10 Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард. 11 Дӕхӕдӕг сын стӕрхон кӕн, Хуыцау, сӕхи сӕрыл куыд ӕрцӕуой сӕ хинтӕ! Сӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты, Дӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕсур! 12 Ӕмӕ уӕд ныццин кӕндзысты, Ды йӕ хъахъхъӕнӕг кӕмӕн дӕ, уыдон се ’ппӕт дӕр, фыр цинӕй зардзысты ӕнустӕм, сӕ сӕрхъуызой Ды кӕй дӕ, ууыл. Дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн сӕ цины сӕр Ды дӕ. 13 Дунедарӕг, Ды арфӕ ракӕндзынӕ рӕстудӕн, Дӕ хорзӕх ӕй хъахъхъӕндзӕни уартау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia