Псаломтӕ 49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Асафы псалом. Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас, дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ. 2 Ӕмбисонды рӕсугъд Сионӕй Йӕхи раргом кодта Хуыцау. 3 Ӕрцӕуы нӕ Хуыцау, фӕлӕ нӕ уыдзӕни ӕдзӕм! Йӕ разӕй арт пихуылӕйттӕ калы, Йӕ алфамбылай — тыхджын уад. 4 Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ — Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ: 5 «Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты, нывонды уӕлхъус Мемӕ фидыд чи сарӕзта, уыдоны!» 6 Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад — Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг. 7 «Байхъусут, Мӕ адӕм, Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон! Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн — Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау. 8 Дӕ нывӕндты тыххӕй дын нӕ уайдзӕф кӕнын; дӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕдзухдӕр сты Мӕ разы. 9 Нӕ бакомдзынӕн нӕдӕр род дӕ хӕдзарӕй, нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй — 10 хъӕды алы сырд дӕр Мӕн у, мингай хӕхтыл фос иууылдӕр Мӕн сты. 11 Ӕз хӕхтыл алы маргъы дӕр зонын, быдырты цардудӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты. 12 Куы сыстонг уаин, уӕд ӕй дӕуӕн нӕ зӕгъин: дун-дуне дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты. 13 Ӕз, мыййаг, галы фыд хӕрын кӕнӕ сӕгъы туг нуазын? 14 Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн. 15 Дӕ зыны сахат Мӕ ӕрцагур: Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ ды скадджын кӕндзынӕ». 16 Тӕригъӕдджынӕн та Хуыцауы дзуапп уыдзӕн: «Мӕ уагӕвӕрдты кой цы кӕныс ӕмӕ Мӕ фидыдыл цы дзурыс, 17 Ме ’Гъдауыл дӕ къух куы ауыгътай, Мӕ ныхӕстӕ Мын куы ницӕмӕ дарыс, уӕд? 18 Давӕджы куы феныс, уӕд йемӕ ’мдзӕхдон свӕййыс, хӕтаг адӕмӕн — се ’мбал. 19 Дӕ дзыхӕй цӕуы фыдгой, де ’взаг мӕнгард ныхас нывӕнды. 20 Иудадзыг де ’фсымӕрыл дамтӕ мысыс, хахуыр кӕныс дӕ мадызӕнӕгыл. 21 Ды уыдӕттӕ кодтай, ӕмӕ дӕм Ӕз ницы дзырдтон; ды афтӕ банхъӕлдтай, цыма Ӕз дӕр дӕ хуызӕн дӕн. Нӕ! Ӕз дӕ базылын кӕндзынӕн, дӕ азымтӕ дын дӕ разы ӕрӕвӕрдзынӕн!» 22 Хуыцауы чи ферох кодта, уыдон! Бамбарут уый, науӕд уӕ Ӕз скуынӕг кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ ничи фервӕзын кӕндзӕн. 23 Бузныджы нывонд Мын чи хӕссы, уый Мӕ нымайы; раст фӕндагыл чи лӕууы, уымӕн Ӕз раргом кӕндзынӕн, Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia