Псаломтӕ 47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом. 2 Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ Йӕ стауынц нӕ Хуыцауы сахары. Уым — Йӕ уаз хох, 3 зӕххы цъары цин, хӕхты фидыц Сион. Йӕ цӕгатварс — Паддзахы стыр сахар. 4 Йӕ цӕрӕнты — Хуыцау, сӕ армдарӕг. 5 Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ ных ӕм сарӕзтой, 6 фӕлӕ йӕм куы бакастысты, уӕд дисы бафтыдысты; хорзау нал фесты ӕмӕ фӕстӕмӕ ныццавтой. 7 Ризӕг сыл бахӕцыди, скатай сты арӕг сылгоймагау, 8 раст цыма скӕсӕйнаг дымгӕ таршишаг наутӕ ныппырх кодта, уыйау. 9 Хъусӕй цы фехъуыстам, уый ныр нӕхи цӕстӕй уынӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, нӕ Хуыцауы сахары — ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта Хуыцау. 10 Дӕ Кувӕндоны, о Хуыцау, нӕ хъуыдытӕ Дӕ хорзӕхыл уыдысты. 11 Хуыцау, Дӕ ном ӕмӕ Дӕ кад зӕххы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ ’ххӕссынц. Дӕ тӕрхон кӕддӕриддӕр у раст. 12 Райӕд Сионы хох, цин кӕнӕнт Иудейы чызджытӕ — Дӕ раст тӕрхоныл. 13 Сионы алыварс ӕрлӕуут, ӕрзилут ыл, йӕ мӕсгуытӕ йын банымайут. 14 Уӕ зӕрдыл ын бадарут йӕ систӕ, йӕ фидӕрттӕ йын бахъуыды кӕнут, цӕмӕй фӕстагӕттӕн сӕ кой ракӕнат. 15 Ацы Хуыцау мыггагмӕ у нӕ Хуыцау, ӕнустӕм — нӕ фӕтӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia