Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зарӕг. Мелоди «Ӕвзонг чызджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ.

2 Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.

3 Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх куы сӕнкъуыса ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,

4 дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой, хӕрдмӕ куы фӕцӕуой, ӕмӕ хӕхтӕ сӕ уынӕрӕй куы нынкъуысой, уӕд дӕр.

5 Мӕнӕ ис уыцы цӕугӕдон, йӕ къабузтӕй Хуыцауы сахар кӕмӕн райы — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы уаз цӕрӕн.

6 Хуыцау уым ис, ӕмӕ сахар нӕ фӕцуддзӕн: Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕни сӕумӕйӕ.

7 Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ: Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти, ӕмӕ зӕхх атади.

8 Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.

9 Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:

10 зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ, ныссаста ӕрдынтӕ, ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта, тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.

11 Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.

12 Дунедарӕг Хуыцау немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan