Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.

2 Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.

3 Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.

4 Дӕ кард Дӕ фарсыл ӕрбабӕтт, Хъомысджын, Дӕ уӕлӕ ’ркӕн Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъомыс,

5 Дӕ уӕрдоны ӕрбад — ӕцӕгад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕраппонд. Дӕ хъомысджын къух стыр хъуыддӕгтӕ саразӕд.

6 Дӕ фӕттӕ — цыргъ, ӕрсӕтдзысты Дӕ разы адӕмтӕ. Паддзахы знӕгтӕн асасти сӕ ныфс.

7 Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон, Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг.

8 Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай циндӕттӕг сойӕ байсӕрста.

9 Дӕ дарӕс ӕнӕхъӕнӕй миррӕ, алой ӕмӕ кассийы хӕрздӕф кӕны, пылыстӕгӕй арӕзт галуаны Дӕу хъӕлдзӕг кӕнынц дыууадӕстӕноны зӕлтӕ.

10 Дӕ кадджын фӕсдзӕуинты ’хсӕн — паддзахы чызджытӕ, ус-паддзах офираг сыгъзӕрины фӕлыстӕй ӕрлӕууыди Дӕ фарсмӕ.

11 Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.

12 Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.

13 Тиры чызг ӕд лӕвӕрттӕ, стӕй адӕмӕн сӕ хъӕздыгдӕртӕ агурдзысты Дӕ хорзӕх.

14 Паддзахы чызгӕн йӕ намыс — йӕ уды фидауц, йӕ дарӕс — сыгъзӕринӕй нывӕфтыд.

15 Паддзахмӕ йӕ фӕкӕнынц нывӕфтыд дарӕсы, йӕ фӕдыл фӕцӕуынц йӕ чызгӕмбӕлттӕ.

16 Хъӕлдзӕгӕй, цины хъӕртимӕ сӕ фӕхонынц, Паддзахы галуанмӕ фӕхизынц.

17 Дӕ байзӕддӕгтӕ раивдзысты сӕ фыдӕлты, ӕгас зӕххыл сӕ сӕвӕрдзынӕ хицӕуттӕй.

18 Дӕ ном сын рох кӕнын нӕ бауадздзынӕн фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, адӕмтӕ Дӕ стаудзысты мыггагӕй мыггагмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan