Псаломтӕ 42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу, мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз. 2 Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару. Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг ме знаджы ӕфхӕрдӕй? 3 Дӕ рухс ӕмӕ Де ’цӕгад мын рарвит, уыдон мӕ ахонӕнт Дӕ уаз хохмӕ, Дӕ цӕрӕнмӕ. 4 Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау! 5 Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia