Псаломтӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом. 2 О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд! 3 О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ номыл? Кӕдмӕ уын уыдзысты адджын мӕнг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕливӕнтӕ? 4 Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы! 5 Уӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ, тӕригъӕд ма исут уӕхимӕ; уӕ хуыссӕнуаты ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрсабыр ут. 6 Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут. 7 Бирӕтӕн сӕ ныхас уый у: «Чи нын цы ракӕндзӕн хорзӕй?» Дунедарӕг, Дӕ цӕсгомы рухс нӕм равдис! 8 Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у! 9 Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз ӕмӕ бафынӕй вӕййын, уымӕн ӕмӕ, о Дунедарӕг, ӕрмӕстдӕр дӕ фӕрцы дӕн ӕдас! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia