Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Давиды псалом.

2 Ӕз сфӕнд кодтон: мӕ цӕст дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм, цӕмӕй ме ’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон; мӕ дзыхыл цъутта сӕвӕрдзынӕн, цалынмӕ ӕнӕхуыцау мӕ разы уа, уӕдмӕ.

3 Ӕнӕсымӕй, ӕгомыгӕй лӕууыдтӕн, суанг, хорз цы у, ууыл дӕр нӕ дзырдтон, ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.

4 Мӕ зӕрдӕ сыгъди мӕ риуы, мӕ хъуыдытӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ фестадысты, ӕмӕ уӕд райдыдтон дзурын:

5 «Раргом мын кӕн, Дунедарӕг, кӕд уыдзӕни мӕ царды кӕрон, цас ма мын ис цӕрӕнбон, цас ахӕсдзӕн мӕ цард.

6 Нымад бонтӕ мын ӕрбарстай, мӕ цардӕмгъуыд ницы у Дӕ разы. Ӕцӕг, адӕймагӕн йӕ цард фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.

7 Адӕймаг аууонау хилы, дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн, ӕмбырд кӕны, фӕлӕ кӕмӕн, уый нӕ зоны.

8 Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ у мӕ каст, Дунедарӕг? Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.

9 Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ фервӕзын кӕн, ӕдылытӕн мын мӕ сӕр хъазинаг ма фӕкӕн!

10 Ӕз багомыг дӕн, мӕ дзыхӕй ныхас нӕ хауы, — цыдӕриддӕр ӕвзарын, уый — Дӕ фӕндонӕй.

11 Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.

12 Йӕ азымы тыххӕй Ды адӕймаджы бафхӕрыс, зынаргъ ын цы у, уый рӕмпӕг фестын кӕныс. Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.

13 Дунедарӕг, айс мын мӕ куывд, фехъус мын мӕ дзыназын, мӕ цӕссыгтӕ мын ма ныууадз ӕнӕ дзуаппӕй. Мӕ фыдӕлтау ӕз дӕр ӕбар фӕндаггон, ӕрцӕуӕггаг дӕн Дӕ разы.

14 Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас мӕ аздах ӕмӕ мын иу чысыл циндзинад ратт, цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan