Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл, ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —

2 уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау, баруайдзысты зайӕгхалау.

3 Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.

4 Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур, ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.

5 Дӕ царды фӕндаг Дунедарӕджы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ Йыл дар, ӕмӕ дын Уый дӕ алы хъуыддаг дӕр сараздзӕн:

6 сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад, бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.

7 Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз, дӕ зӕрдӕ Йыл дар. Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!

8 Мауал мӕсты кӕн, дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал! Ма хӕлӕг кӕн — фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!

9 Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.

10 Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ хъӕр, сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн, сӕ фӕд дӕр сын нал ауындзынӕ.

11 Сӕрныллӕгтӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон, бафсӕддзысты фарнӕй.

12 Ӕнӕхуыцау рӕстгӕнӕджы ныхмӕ аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ӕм цӕуы,

13 фӕлӕ йыл Дунедарӕг худы, уымӕн ӕмӕ уыны: йӕ царды фӕстаг бон ӕрӕввахс.

14 Ӕнӕхуыцӕуттӕ сласынц сӕ кӕрдтӕ, айвазынц се ’рдынтӕ, цӕмӕй сӕ фыдӕх ныххуырсой мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккыл, раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдоны амарой.

15 Фӕлӕ сын сӕ кард сӕхи зӕрдӕтӕ барӕхойдзӕн, се ’рдынтӕ та ныссӕтдзысты.

16 Раст лӕджы чысыл мулк бирӕ ’нӕхуыцӕутты хъӕздыгдзинӕдтӕй — хуыздӕр.

17 Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты хъомыс басӕтдзӕн, рӕстудтӕн та хъару ратдзӕни.

18 Дунедарӕг сыгъдӕгзӕрдӕты цард уыны, ӕмӕ сӕ исбон нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ.

19 Фыд рӕстӕджы нӕ фегад уыдзысты, ӕххормаг заманы уыдзысты ӕфсӕст.

20 Ӕнӕхуыцӕуттӕ та фесӕфдзысты, Дунедарӕджы знӕгтӕ ӕрбайсӕфдзысты уыгӕрдӕны кӕрдӕгау, фӕцыдӕр уыдзысты фӕздӕгау.

21 Ӕнӕхуыцау ӕфстау райсы, фӕлӕ йӕ нал ратты фӕстӕмӕ, рӕстгӕнӕг та ӕфстау дӕтты рӕдауӕй.

22 Зӕхх бауыдзӕн, Хуыцау арфӕ кӕмӕн ракодта, уыдоны исбон, кӕй ралгъыста, уыдон та бабын уыдзысты.

23 Рӕстуды къахдзӕфтӕ Дунедарӕг скӕны ӕнӕфӕцудгӕ, йӕ фӕндагыл ын ауды.

24 Куы фӕкӕла, уӕд дӕр не ’рхаудзӕн: Дунедарӕг ын йӕ къухыл хӕцы.

25 Уыдтӕн ӕвзонг, зӕронд дӕр бадӕн, фӕлӕ никуыма федтон, ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕджы ныууадза, кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕ къӕбӕргур зилой.

26 Рӕстгӕнӕг ӕрвылбон ӕфстау дӕтты рӕдауӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ арфӕгонд уыдзысты.

27 Фыддзинадӕй дӕхи хиз, хорз хъуыддӕгтӕ араз ӕмӕ цӕрдзынӕ мыггагмӕ.

28 Дунедарӕг раст тӕрхон уарзы ӕмӕ дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕни Йӕ иузӕрдионты, ӕнусмӕ сыл ауддзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн та фесӕфдзӕни сӕ мыггаг.

29 Зӕхх бауыдзӕн рӕстгӕнджыты исбон, ӕмӕ йыл цӕрдзысты мыггагмӕ.

30 Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй куырыхон ныхас рацӕуы, йе ’взаг дзуры рӕстдзинад.

31 Хуыцауы ’Гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.

32 Ӕнӕхуыцау зилы рӕстгӕнӕджы фӕдыл, йӕ амарыныл архайы,

33 фӕлӕ йын ӕй Дунедарӕг йӕ къухтӕм нӕ ратдзӕн, тӕрхоны раз ӕй фӕзылынджын кӕнын нӕ бауадздзӕн.

34 Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар, Йӕ фӕндагыл цу, ӕмӕ дӕ Уый сбӕрзонд кӕндзӕн, зӕхх бауыдзӕни дӕ исбон. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куыд ралӕудзӕн, уый.

35 Ӕз федтон ӕнӕхуыцау фыдгӕнӕджы бирӕкъабузджын бӕласау йӕхи айтындзгӕ,

36 фӕлӕ аивгъуыдта ӕмӕ нал ис, агуырдтон ма йӕ, фӕлӕ йӕ нал ссардтон.

37 Бакӕс-ма сыгъдӕгзӕрдӕмӕ, рӕстудмӕ: сабырӕй чи цӕры, уымӕн ис фидӕн,

38 фыдгӕнджытӕ та иууылдӕр бабын уыдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕн фидӕн нӕй.

39 Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн рӕстудты, бӕллӕхы заман сӕ Йӕ базыры бын бакӕндзӕн.

40 Дунедарӕг сын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бахиздзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Ууыл дарынц сӕ зӕрдӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan