Псаломтӕ 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды конд. 2 Ӕнӕхуыцауӕн адджын у тӕригъӕд, Хуыцауы тас ӕм нымады дӕр нӕу. 3 Ныббуц вӕййы йӕхицӕй, цыма йӕ азым базыдта ӕмӕ дзы йе сӕфт федта, уыйау. 4 Йӕ ныхӕстӕ — хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнг; нӕдӕр уӕлзондмӕ тырны, нӕдӕр — хорздзинад ракӕнынмӕ. 5 Суанг йӕ хуыссӕны дӕр аразы фыдвӕндтӕ. 6 О Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм, Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг! 7 Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг! 8 О Хуыцау, Дӕ хорзӕхӕн аргъ нӕй! Дӕ базыры бын бакодтай адӕмы, 9 Дӕ хойрагӕй сӕ ’фсадыс, сӕ дойны сын сӕттыс Дӕ цины цӕугӕдӕттӕй. 10 Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ царды суадон, Дӕ рухсы мах уынӕм рухс. 11 Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн, чи Дӕ зоны, уыдоны, Дӕ рӕстады фарнӕй схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты! 12 Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда, фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура. 13 Фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ: афӕлдӕхтой сӕ — нал сын бантысдзӕни сыстын. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia