Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн стӕрхон кӕн; мемӕ чи хӕцы, уыдонимӕ рахӕц!

2 Дӕ уарт ӕмӕ Де згъӕрдарӕс райс ӕмӕ мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу!

3 Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ! Зӕгъ мӕ удӕн: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»

4 Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон. Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!

5 Дымгӕ кӕй ныффӕйлауы, уыцы зыгуымау суӕнт, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕсурӕд!

6 Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!

7 Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.

8 Ӕнӕнхъӕлӕджы се сӕфт ӕрцӕуӕд, сӕ ахсӕн хызы бахауӕнт сӕхӕдӕг ӕмӕ се сӕфт ссарӕнт!

9 Мӕнӕн та мӕ уд цин кӕндзӕни Дунедарӕгыл, ныццин кӕндзӕн Йӕ ирвӕзындзинадыл!

10 Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»

11 Тӕрхоны раз мӕ ныхмӕ ралӕууыдысты ӕгъатыр мӕнгӕвдисӕнтӕ, цы нӕ зонын, уыдӕттӕй мӕ фӕрсынц.

12 Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.

13 Сӕ рынчыны заман-иу скодтон сӕхъис ӕмӕ ком дардтон. Дунедарӕгӕн ӕхцон фӕуӕд мӕ куывд!

14 Раст цыма мӕ лымӕнтӕ, ме ’фсымӕртӕ уыдысты, уыйау-иу сӕ бабӕрӕг кодтон, мӕ мады мӕлӕтыл кӕуӕгау сыл-иу бахъынцъым кодтон.

15 Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!

16 Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.

17 Дунедарӕг, кӕдмӕ сӕм афтӕ кӕсдзынӕ? Сӕ фыдвӕндтӕй мӕ фервӕзын кӕн, мӕ иунӕджы уд мын домбӕйтты дзыхӕй байс!

18 Ӕгас дзыллӕйы раз Дын скад кӕндзынӕн, ӕппӕт адӕмы раз Дӕ стаудзынӕн.

19 Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!

20 Фидыды кой сӕм нӕй, зӕххыл сабырӕй чи цӕры, уыдоны ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ.

21 Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, дзурынц: «Ӕ-гъа! Уый дын нӕхи цӕстӕй кӕй федтам!»

22 Дунедарӕг! Ды адӕттӕ иууылдӕр уыныс ӕмӕ Дӕхи ма ныхъхъус кӕн! Ма мӕ ныууадз!

23 Мӕ фыдгултыл Дӕхи ныххуырс, тӕрхоны раз мӕ сӕрыл рахӕц! Мӕ хъаст мын равзар, о мӕ Хуыцау, Дунедарӕг!

24 Дӕ рӕстаг тӕрхон мын саккаг кӕн, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй мыл ма ферайой!

25 Уадз, ма зӕгъой сӕхинымӕр: «Ӕ-гъа! Нӕ фӕндиаг фӕци!» Уадз, ма дзурой сӕхинымӕр: «Аныхъуырдтам ӕй!»

26 Уадз ӕмӕ, мӕ бӕллӕх йӕ цины сӕр кӕмӕн у, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад уой! Йӕхи мӕнӕй уӕлдӕр чи ӕвӕры, уыдоныл худинаджы, ӕгады гакк сбадӕд!

27 Хорз мын кӕй цӕст уарзы, уыдон та иудадзыг цинхъӕр кӕнӕнт: «Цытджын у Дунедарӕг, Йӕ цагъарӕн фарн Кӕй зӕрдӕ зӕгъы!»

28 Ӕз дзыллӕйӕн Дӕ рӕстады кой кӕндзынӕн, ӕрвылбон Дӕ стаудзынӕн сӕ разы!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan