Псаломтӕ 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды псалом, Авимелехы цур йӕхи ӕррайы хуызӕн куы скодта ӕмӕ йӕ уый йӕ цурӕй куы фӕсырдта, уӕд. 2 Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл. 3 Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй — уый сӕрныллӕгтӕ фехъусдзысты ӕмӕ ныццин кӕндзысты! 4 Мемӕ стаут Дунедарӕджы, иумӕ Йын скад кӕнӕм Йӕ номӕн! 5 Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта, бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй. 6 Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты. 7 Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта. 8 Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны алыварс Хуыцауы зӕд зилы ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны. 9 Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары! 10 Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ: Хуыцауы тас кӕй ис, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц. 11 Домбӕйттӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййынц ӕмӕ сыдӕй фӕмӕлынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уый иу хорзӕхӕй дӕр ӕнӕхай нӕ вӕййы. 12 Ӕрбалӕуут, сабитӕ, ӕмӕ мӕм ӕрбайхъусут, ӕз уӕ сахуыр кӕнон Хуыцауы тасыл. 13 Тӕхудиаг цардӕй цӕрын ӕмӕ амондджын бонтӕ ӕрвитын кӕй фӕнды? 14 Де ’взаджы кӕроныл дӕр хӕрам ныхас макуы абадӕд, мӕнгард ныхас макуы схауӕд дӕ дзыхӕй! 15 Дӕхи хиз фыд ракӕнынӕй ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз. Фидыды фӕндаг агур ӕмӕ йыл цу. 16 Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын, 17 фыдгӕнӕгӕн та Дунедарӕг йӕ ныхмӕ у, зӕххыл ын фесафы йӕ кой дӕр. 18 Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы. 19 Састзӕрдӕты фарсмӕ ’рбалӕууы Дунедарӕг, фервӕзын кӕны ныфссасты. 20 Раст адӕймаг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзары, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны. 21 Хуыцау ын йе стджытӕ дӕр хъахъхъӕны, ӕмӕ дзы иу дӕр саст не ’рцӕудзӕн. 22 Фыдгӕнӕг амӕлдзӕни фыдмардӕй; раст лӕджы чи нӕ уарзы, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн. 23 Дунедарӕг Йӕ цагъарты бахиздзӕни фыдбылызӕй, йӕхи Йыл чи фӕдзӕхсы, уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фесӕфдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia