Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды зондамонӕн псалом. Тӕхудиаг у, йӕ азым барст кӕмӕн ӕрцыд, кӕй тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзысты!

2 Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн нӕ банымайдзӕн, йӕ зӕрдӕйы мӕнгарддзинад кӕмӕн нӕй!

3 Цалынмӕ мӕ тӕригъӕд сусӕг кодтон, уӕдмӕ ме ’рвылбоны хъӕрзынӕй бастадтӕн.

4 Уымӕн ӕмӕ Дӕ къухы уӕз ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнкъарын мӕхиуыл. Мӕ тых байсысти, раст цыма — сӕрды ӕнтӕфӕй.

5 Ӕз Дын мӕ тӕригъӕдыл басастӕн ӕмӕ нӕ бамбӕхстон мӕ азым. Ӕз загътон: «Дунедарӕгӕн раргом кӕнон мӕ фыдракӕндтӕ», ӕмӕ мын Ды мӕ тӕригъӕд ныббарстай.

6 Алы рӕстуд Дӕм бӕллӕхы заман скувӕд, ӕмӕ йӕм доны хъаймӕт нӕ бахӕццӕ уыдзӕн.

7 Ды — ме ’мбӕхсӕн фидар, фыдбылызӕй мӕ хъахъхъӕныс. Фервӕзын мӕ кодтай, ӕмӕ дуне мӕ алыварс байдзаг ис цинӕй.

8 «Ӕз дӕ зонды къахыл сӕвӕрдзынӕн фӕндаг дын бацамондзынӕн. Ӕз дӕ размӕ кӕндзынӕн, Мӕ цӕст дӕм дардзынӕн.

9 Ӕнӕзонд ма ут, цӕмӕй коммӕ кӕса, уый тыххӕй йе ’фсӕртыл идон ӕмӕ идоны къӕбӕлтӕй кӕмӕн ныххӕцынц, уыцы бӕх кӕнӕ хӕргӕфсау».

10 Ӕнӕхуыцау бирӕ фыдбылызтӕ ’взары, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уымӕн та йӕ алыварс — Йӕ хорзӕхтӕ.

11 Дунедарӕджы цинӕй райут ӕмӕ цин кӕнут, рӕстудтӕ! Фыр цинӕй райут, сыгъдӕгзӕрдӕтӕ!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan