Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2 Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи — нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн мыггагмӕ! Равдис Дӕ рӕстдзинад, фервӕзын мӕ кӕн!

3 Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ фӕтагъд кӕн. Фест мӕ къӕдзӕх, мӕ хъахъхъӕнӕг мӕсыг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.

4 Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах, размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд, раст фӕндагыл мӕ сараз.

5 Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.

6 Дӕ къухмӕ Дын дӕттын мӕ уд. О Дунедарӕг, иузӕрдион Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн!

7 Мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ мын сты ӕнӕуынон, ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ.

8 Цин кӕндзынӕн Дӕ хорзӕхыл, уымӕн ӕмӕ мын Ды ӕркастӕ мӕ бӕллӕхмӕ, базыдтай мын мӕ зындзинад.

9 Знаджы къухтӕм мӕ нӕ радтай, слӕууын мӕ кодтай мӕ къӕхтыл, уынгӕг ранӕй мӕ ракодтай.

10 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг — уынгӕджы бон мыл акодта, фыр хъизӕмарӕй мӕ цӕстытӕ дудынц, судзынц мӕ уд ӕмӕ мӕ буар.

11 Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.

12 Ме знӕгтӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц, суанг мыл мӕ сыхӕгтӕ дӕр худынц. Ме ’рдхӕрдтыл мӕ уындӕй тас бахӕцы, куы мӕ ауынынц, уӕд лидзӕг фӕвӕййынц.

13 Мардау ферох дӕн алкӕмӕй, саст дурынау сдӕн;

14 алырдыгӕй дам-думтӕ хъусын. Мӕ алыварс — тас, адӕм мӕ ныхмӕ сарӕзтой фыдвӕнд, амарынмӕ мӕ хъавынц.

15 Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл, Дунедарӕг! Ӕз зӕгъын: «Ды мӕ Хуыцау дӕ».

16 Мӕ цард Дӕ къухы ис, фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгтӕй, мӕ фӕдылзилджытӕй.

17 Дӕ цагъармӕ рухс цӕстӕй ракӕс, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы фӕрцы.

18 Дунедарӕг, Дӕумӕ кӕй сидын, уый тыххӕй, уадз, ӕгады бынаты ма баззайон! Ӕнӕхуыцӕуттӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕрдтыбӕсты ныхъхъус уӕнт!

19 Багомыг уӕнт мӕнгӕвзӕгтӕ, рӕстгӕнӕгыл сӕрбӕрзондӕй, ӕлгъгӕнгӕйӕ, цъыф чи калы, уыдон.

20 Чи Дӕ тӕрсы, Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн цас ӕмӕ цас хӕрзтӕ балӕвар кӕныс ӕппӕт адӕмы раз!

21 Дӕ базыры бын сӕ хъахъхъӕныс адӕмы фыдӕхӕй, алы даутӕй сӕ бахизыс.

22 Арфӕйаг у Дунедарӕг — знӕгтӕ цы сахарыл ӕртыхстысты, уым мын Йӕ диссаджы хорзӕх балӕвар кодта!

23 Ӕз мӕ фыр тыхстӕй ахъуыды кодтон: «Атигъ мыл кодтай Дӕхи». Фӕлӕ Дӕм куы скуывтон, уӕд мын Ды фехъуыстай мӕ лӕгъстӕ.

24 Уарзут Дунедарӕджы, Йе ’ппӕт рӕстудтӕ. Дунедарӕг иузӕрдионты хъахъхъӕны, сӕрыстырты та бафхӕры дывӕрӕй.

25 Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон, фидар ут, ма асӕттӕд уӕ ныфс!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan