Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом, йӕ фырт Авессаломӕй куы лыгъди, уӕд.

2 О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!

3 Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»

4 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ, мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.

5 Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр ныккӕндзынӕн, ӕмӕ мын Уый дзуапп ратдзӕни Йӕ уаз хохӕй.

6 Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты.

7 Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.

8 Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!

9 Ирвӕзындзинад Дунедарӕгӕй у, ӕмӕ Дӕ адӕмыл ис Дӕ арфӕ!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan