Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.

2 Куы Дӕм дзыназон, мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон, уӕд-иу мын айс мӕ куывд!

3 Ма мӕ фесаф ӕнӕхуыцӕуттимӕ, фыдбылызтӕ чи аразы, йӕ хионимӕ хӕларӕй чи дзуры, йӕхимидӕг та фыдвӕндтӕ чи тауы, уыдонимӕ.

4 Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.

5 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.

6 Арфӕгонд у Дунедарӕг — Уый мын фехъуыста мӕ куывд.

7 Дунедарӕг — мӕ хъару, мӕ уарт; мӕ зӕрдӕ дардтон Ууыл, ӕмӕ мын баххуыс кодта. Райы мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй, мӕ зарӕгӕй Йӕ скадджын кӕндзынӕн.

8 Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.

9 О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн, хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan