Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?

2 Фыдгӕнджытӕ мӕ ныхмӕ куы рацӕуой мӕ буар мын аныхъуырын мондагӕй, мӕ фыдгултӕ, ме знӕгтӕ мӕм куы лӕбурой, уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ ’рхаудзысты.

3 Ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ’рлӕууа мӕ ныхмӕ, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн. Хӕст куы райдайа, уӕд дӕр мӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.

4 Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх Дунедарӕгӕй курын, иунӕг фӕндон мӕм ис: мӕ царды бонтӕ куы арвитин Дунедарӕджы хӕдзары, цӕмӕй Дунедарӕджы рӕсугъддзинад уынон, Йӕ рухс Кувӕндонмӕ Йын цӕуон.

5 Дунедарӕг мӕ бӕллӕхы заман бамбӕхсдзӕни Йӕ цӕрӕны, бааууон кӕндзӕни Йӕ Цатыры, сисдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ.

6 Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.

7 О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ дзыназын, батӕригъӕд кӕн, дзуапп мын ратт!

8 Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!

9 Де ’ргом мӕ ма аздах! Фыдӕхы хӕрам ма фӕу дӕ цагъармӕ. Ды уыдтӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мыл ныр дӕр Дӕхи ма атигъ кӕн, ма мӕ ныууадз, о Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!

10 Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад мӕ ныууагътой, фӕлӕ мӕ Ды, Дунедарӕг, Дӕхимӕ ’рбахӕстӕг кӕндзынӕ.

11 О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын! Раст фӕндагыл мӕ сараз — мӕ фыдгулты фыдӕнӕн!

12 Ме знӕгты амӕттаг мӕ ма фӕкӕн! Мӕнгӕвдисӕнтӕ ралӕууыдысты мӕ ныхмӕ, фыр мӕстӕй цъӕх арт уадзынц.

13 Фӕлӕ мӕн уырны, уӕлӕуыл ма кӕй цӕрдзынӕн, Дунедарӕджы хорзӕх ма кӕй фендзынӕн.

14 Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар! Фидар лӕуу, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ’хсайӕд! Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan