Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон, дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ Дунедарӕджы исбон сты.

2 Денджызты сӕрмӕ ӕрӕвӕрдта зӕхх, дӕтты сӕрмӕ йӕ ’рфидар кодта.

3 Дунедарӕджы хохмӕ чи ссӕудзӕн, чи ӕрлӕудзӕн Йӕ уаз цӕрӕны?

4 Йӕ къухтӕ ӕнаххос, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, мӕнг хуыцӕуттыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта ӕмӕ мӕнг ард чи нӕ хордта.

5 Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, арфӕ ӕмӕ хорзӕх.

6 Йаковы Хуыцау! Ахӕм у, Дӕу чи агуры ӕмӕ Дӕ разы ӕрлӕууын кӕй фӕнды уыцы адӕмы хъысмӕт.

7 Байгом у, кулдуар, байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ, уадз ӕмӕ кадджын Паддзах бацӕуа!

8 Ацы кадджын Паддзах чи у? Уый Дунедарӕг у, фидар ӕмӕ тыхджын, тохы та — хъомысджын.

9 Байгом у, кулдуар, байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ, уадз ӕмӕ кадджын Паддзах бацӕуа!

10 Ацы кадджын Паддзах чи у? Уый у Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Уый у кадджын Паддзах.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan