Псаломтӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ Фыййау, ӕз ницы цух уыдзынӕн: 2 Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм. 3 Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд. 4 Мӕлӕты талынг дӕлвӕзы куы цӕуон, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ; Дӕ фыййаулӕдзӕг мӕ басабыр кӕны. 5 Ме знӕгтӕн сӕ цӕстыты раз мын фынг ӕрӕвӕрдтай, мӕ сӕр мын оливӕйы сойӕ байсӕрстай: мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй. 6 Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia