Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Сӕуӕхсид»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.

2 Мӕ Хуыцау! Мӕ Хуыцау! Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Куыд дард дӕ мӕнӕй, куыннӕ мӕ фервӕзын кӕныс, куыннӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын?

3 Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.

4 Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.

5 Нӕ фыдӕлтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дӕуыл, ӕмӕ-иу сӕ Ды бахызтай бӕллӕхӕй.

6 Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.

7 Ӕз та цыма адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн: адӕмӕн — фидиссаг, дзыллӕйӕн — ӕлгъаг.

8 Чи мӕ уыны, уыдон мыл худынц, сӕ сӕртӕ банкъусынц, бахудынц былысчъилӕй:

9 «Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ — фервӕзын ӕй кӕнӕд ныр! Кӕд Ын афтӕ адджын у, уӕд ӕй Уый бахизӕд!»

10 Ды мӕ райстай мӕ мады гуыбынӕй, хъахъхъӕдтай мӕ, хъӕбысы ма куы уыдтӕн, уӕд.

11 Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн, мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ.

12 Ма адард у мӕнӕй, — мӕ хъизӕмары бон ӕрӕввахс, ӕххуысгӕнӕг та нӕй.

13 Галты рӕгъау ӕртыхсти мӕ алыварс, Башаны хӕрзхаст галтӕ мыл ӕрхъула кодтой.

14 Ныххӕлиу мӕм кодтой сӕ дзыхтӕ, йӕ амӕттаджы аскъуыдтӕ кӕнынмӕ цӕттӕ ӕмӕ рыхӕг домбайау.

15 Чи ӕркалди, уыцы донӕй уӕлдай нал дӕн, ме стджытӕ кӕрӕдзиуыл нал хӕцынц, мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы.

16 Хус ӕлыгау баруади мӕ хъару, ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕст, — мӕрдон сыджыты мӕ нывӕрдтай Ды.

17 Ӕрхъула мыл кодтой куыйтӕ, знӕт ӕрдонг мӕ алыварс ӕртыхсти, ныррӕхуыстой мын мӕ къӕхтӕ ӕмӕ мӕ къухтӕ.

18 Царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн. Уыдон та мӕм кӕсынц ӕмӕ мыл сӕхи ирхӕфсынц.

19 Мӕ дарӕс мын се ’хсӕн уарынц, мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ ’ппарынц.

20 О Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй! Ды — мӕ хъару, ӕххуысмӕ мӕм фӕтагъд кӕн!

21 Мӕ уд мын бахиз кардӕй, мӕ цард мын бахъахъхъӕн куыйтӕй.

22 Домбайы комӕй, хъӕддаг галты сыкъатӕй мӕ фервӕзын кӕн!

23 Ӕз Дын Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн, Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн адӕмы ’хсӕн:

24 «Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон, скад Ын кӕнут! Сыстаут Ӕй, Йаковы фӕдонтӕ! Аргъуыц кӕнут Йӕ разы, Израилы байзӕддӕгтӕ, —

25 Уый ӕнӕввӕрсон нӕ уыди мӕгуырыл, ӕлгъгӕнгӕ нӕ касти ӕфхӕрд адӕймаджы хъизӕмармӕ, Йӕхи йыл нӕ атигъ кодта; Йӕ цӕсгом дзы нӕ бамбӕхста; ӕххуысмӕ Йӕм куы дзынӕзта, уӕд ӕй фехъуыста».

26 Стыр ӕмбырды ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй, чи Дӕ тӕрсы, уыдоны раз сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ сомытӕ.

27 Мӕгуыртӕ хӕрдзысты ӕмӕ бафсӕддзысты; Дунедарӕджы чи агуры, уыдон Ӕй скадджын кӕндзысты! Цардӕгас уӕнт уӕ зӕрдӕтӕ ӕнустӕм!

28 Ӕрымысдзысты Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕм раздӕхдзысты зӕххы алы кӕрӕттӕй; Дӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты муртаттӕгты ӕппӕт знӕмтӕ,

29 уымӕн ӕмӕ паддзахы бартӕ Дунедарӕджы къухы сты, адӕмтыл Йӕ бар цӕуы.

30 Хӕрдзысты ӕмӕ Йын кад кӕндзысты ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ; ӕрзоныг кӕндзысты Йӕ разы, сыджытмӕ чи цӕуы, йӕ удыл хӕцыны хъару кӕмӕ нӕй, уыдон се ’ппӕт дӕр.

31 Фӕстагӕттӕ йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Дунедарӕджы адӕмы ном хӕсдзысты мыггагмӕ.

32 Дунемӕ чи фӕзына, уыцы адӕмӕн ракӕндзысты Йӕ рӕстады, Йӕ хъуыддӕгты кой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan