Псаломтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг! Дӕ хъаруйыл цин кӕны паддзах, йӕ зӕрдӕ райы Дӕ ирвӕзындзинадӕй! 3 Цӕмӕ бӕллыд, уый йын радтай, йӕ курдиатыл нӕ атигъ кодтай Дӕхи. 4 Схайджын ӕй кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй, йӕ сӕрыл ын сыгъзӕрин кады худ ӕркодтай. 5 Уый Дӕуӕй куырдта цард, ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ. 6 Дӕ ирвӕзындзинад ын ӕрхаста намыс, бӕрзонд ӕй систай, ӕмӕ ӕрттивы йӕ ном. 7 Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ. 8 Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн. 9 Дӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты Де знӕгтӕ, Дӕ рахиз къух баххӕсдзӕни, ӕнӕуынон кӕмӕн Дӕ, уыдонмӕ. 10 Дӕ азары заман сӕ Ды судзгӕ пец фестын кӕндзынӕ. Дунедарӕджы маст сӕ фесафдзӕн, арты хай бауыдзысты. 11 Ды сын зӕххы цъарӕй фесафдзынӕ сӕ байзӕддаджы, мыггагыскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕ адӕмы ’хсӕн. 12 Уыдон Дӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ, фӕлӕ ницы рауайдзӕн сӕ сау фӕндтӕй. 13 Ды сӕм ныхъхъавдзынӕ Дӕ фатӕй, ӕмӕ лидзӕг фӕуыдзысты. 14 О Дунедарӕг, Де стыр хъомыс сӕм равдис! Мах зардзыстӕм ӕмӕ кад кӕндзыстӕм Дӕ хъомысӕн! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia