Псаломтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Цӕмӕн змӕнтынц адӕмтӕ, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд цӕмӕн нывӕндынц дзыллӕтӕ? 2 Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ: 3 «Арӕдувӕм сын сӕ хъадамантӕ, аппарӕм сын сӕ сахсӕнтӕ!» 4 Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у, Уый сыл худы, худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг. 5 Йӕ афоны сын зӕгъдзӕни мӕстыйӕ, Йӕ судзгӕ мастӕй сыл тас бафтаудзӕн: 6 «Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл». 7 «Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ. 8 Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн, арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн. 9 Де ’фсӕн лӕдзӕгӕй сӕ ӕрцӕвдзынӕ, дурынтау сӕ ныззыгуым кӕндзынӕ“». 10 Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ! 11 Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ. 12 Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia