Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2 Дӕ хъыджы заман дӕ Дунедарӕг фехъусӕд, Йаковы Хуыцауы ном дӕ хъахъхъӕнӕд!

3 Йе ’ххуысы хай дын рарвитӕд Йӕ Кувӕндонӕй, хъару — Сионы хохӕй!

4 Де ’ппӕт хуынтӕ дын ӕрымысӕд, дӕ иууылсудзинӕгтӕ дын айсӕд.

5 Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уыдон дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’ппӕт фӕндтӕ дӕ къухы цы бафтой, уыцы ахъаз дын бакӕнӕд!

6 Махӕн та ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ дын дӕ уӕлахизыл цин куыд кӕнӕм, нӕ Хуыцауы номыл бӕрзонд куыд сисӕм уӕлахизы тырыса! Дӕуӕн та Дунедарӕг дӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд!

7 Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.

8 Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ном.

9 Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ӕрхаудысты, мах та сыстадыстӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм.

10 О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн! Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм, уӕд-иу нӕ фехъус!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan