Псаломтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды куывд. Дунедарӕг, мӕ раст уд Де уазӕг, фехъус мын мӕ дзыназын! Мӕ куывд мын айс — сайгӕ куы нӕ кӕны ме ’взаг! 2 Тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, Дӕ цӕстытӕ рӕстдзинадмӕ ӕркӕсӕнт. 3 Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй. 4 Адӕмӕн сӕ бар сӕхи у, фӕлӕ ӕз Дӕ дзырды сӕрты никуы ахызтӕн, мӕхи хъахъхъӕдтон фыдгӕнӕджы фӕндӕгтӕй. 5 Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл, Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын. 6 Дӕумӕ сидын, Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мын Ды дзуапп ратдзынӕ. Дӕ хъус мӕм ӕрдар, фехъус мын мӕ куывд! 7 Де стыр хорзӕх ма бахӕлӕг кӕн, йӕхи Дыл чи бафӕдзӕхста, уыдонӕн, Дӕ рахиз къухӕй сӕ бахиз фыдгулӕй. 8 Цӕсты гагуыйау мӕ хъахъхъӕн, Дӕ базыры бын мӕ бааууон кӕн 9 ӕнӕхуыцау лӕбурджытӕй, чи мыл ӕрхъула кодта, уыцы знӕгтӕй. 10 Уыдон фыр нӕрдӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, схъӕл ныхас кӕнынц. 11 Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл. 12 Тугмондаг домбайау гӕппӕввонгӕй лӕууынц, мадӕл домбайау мӕ се ’мбӕхсӕнӕй хъахъхъӕнынц. 13 Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Сӕ ныхмӕ рацу, Дӕ кардӕй сӕ афӕлдах, ӕнӕхуыцӕуттӕй мӕ бахиз. 14 Дӕхи къухӕй мӕ фервӕзын кӕн ацы адӕмӕй, Дунедарӕг, Де ’вӕрӕнты бӕркадӕй йедзаг кӕмӕн сты сӕ гуыбынтӕ, ӕмӕ ма дзы сӕ цот ӕмӕ уыдоны цоты фаг дӕр кӕмӕн баззайдзӕн. 15 Ӕз та — ӕназым — фендзынӕн Дӕ цӕсгом, куы-иу райхъал уон, уӕд ӕфсӕддзынӕн Дӕ фӕлгонцӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia