Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 150 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы Йӕ Кувӕндоны, стаут Ӕй уӕлӕрвты.

2 Стаут Ӕй Йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй, стаут Ӕй Йе стырады тыххӕй.

3 Стаут Ӕй сыкъауадындзы зӕлтӕй, стаут Ӕй дыууадӕстӕнонтыл ӕмӕ хъисфӕндыртыл.

4 Стаут Ӕй далаимӕ кафтӕй, стаут Ӕй хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзты цагъдӕй.

5 Стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕлтӕй, стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕллангӕй.

6 Алы цӕрӕг уд дӕр Дунедарӕджы стауӕд! Алелуйа!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan