Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 149 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Алелуйа! Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, кады зарӕг сыгъдӕджыты ӕмбырды.

2 Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.

3 Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.

4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл, скадджын кӕны сӕрныллӕгты, фервӕзын сӕ кӕны.

5 Райӕнт иузӕрдионтӕ кадимӕ, цин кӕнӕнт сӕ сынтӕджыты дӕр.

6 Хуыцауы стауӕн ныхас — сӕ былалгъыл, сӕ къухы — дыкомыг кард,

7 цӕмӕй адӕмты ӕмӕ алы знӕмты бафхӕрой;

8 сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,

9 цы тӕрхон сын ныффыстӕуыди, уый сыл ӕрцӕуын кӕной. Уыцы кад ӕрхаудзӕн ӕрмӕстдӕр Йӕ иузӕрдионтӕм. Алелуйа!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan