Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 147 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Стау, Йерусалим, Дунедарӕджы! Стау, Сион, дӕ Хуыцауы!

2 Уымӕн ӕмӕ дын Уый дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны, дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!

3 Дӕ арӕнтыл дын фарн тауы, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй дӕ ӕфсады.

4 Уый зӕххӕн Йӕ уынаффӕтӕ ӕрвиты ӕмӕ Йӕ ныхас уайтагъд ӕрыхъуысы зӕхмӕ.

5 Урс тинтычъийау ӕрытауы мит, ӕртхутӕгау ӕрызгъалы халас.

6 Къӕртгай ӕркалы их, чи бафӕраздзӕн Йӕ хъызтӕн?

7 Уый куы фӕзӕгъы, уӕд Йӕ дзырдӕй атайы алцы, дымгӕ рауадзы, ӕмӕ азгъорынц дӕттӕ.

8 Уый Йӕ ныхас загъта Йаковӕн, Йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ — Израилӕн.

9 Ӕндӕр адӕмтӕн ахӕмӕй ницы бакодта, нӕ Йын зонынц уыдон Йӕ уагӕвӕрдтӕ. Алелуйа!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan