Псаломтӕ 146 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы — куыд ӕхцон у нӕ Хуыцауы кадӕн зарын! Куыд адджын у, куыд ӕхсызгон у Уый стауын! 2 Дунедарӕг аразы Йерусалим, ӕмбырд кӕны Израилы тард адӕмы. 3 Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты. 4 Уый банымайы стъалытӕ, алкӕй дӕр дзы хоны йӕ номӕй. 5 Стыр у Дунедарӕг, ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс, ӕгӕрон у Йӕ зонд. 6 Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы. 7 Дунедарӕгӕн кады зарӕг сисут, хъисфӕндыртимӕ азарут нӕ Хуыцауӕн. 8 Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй, зӕххыл къӕвда ӕруадзы, хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны. 9 Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн. 10 Уый бӕхӕн йӕ хъарумӕ нӕ кӕсы, адӕймаджы цӕрдӕг къӕхтӕ ницӕмӕ дары. 11 Чи Дзы тӕрсы ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоныл ауды. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia