Псаломтӕ 144 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды кады зарӕг. Кад Дын кӕндзынӕн, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах, Дӕ ном Дын стаудзынӕн мыггагмӕ. 2 Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн, мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй. 3 Стыр у Дунедарӕг ӕмӕ у ӕппӕлыны аккаг, зонд не ’ххӕссы Йе стырадыл. 4 Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕни Дӕ хъуыддӕгтӕй, Дӕ хъомысы кой кӕндзӕни. 5 Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл, Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл. 6 Дӕ карз хъуыддӕгтӕн адӕм сӕ хъомысы кой кӕндзысты, ӕмӕ ӕз Де стырадыл дзурдзынӕн. 7 Де стыр хорзӕхты кой дын ракӕндзысты, Дӕ рӕстдзинад Дын стаудзысты. 8 Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг, бирӕбыхсаг у, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт. 9 Дунедарӕг дзӕбӕх цӕстӕй кӕсы алкӕмӕ дӕр, Йӕ хорзӕх ӕруадзы Йе ’ппӕт скондтыл. 10 Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт. 11 Уыдон дзурдзысты Дӕ паддзахады кадыл, Дӕ хъомысы кой кӕндзысты, 12 цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс, Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад. 13 Дӕ паддзахдзинад у ӕнусон, Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. 14 Чи фӕкӕлы, уыдонӕн Дунедарӕг у фӕхӕцӕг, чи афӕлдӕхт, уый фӕстӕмӕ слӕууын кӕны йӕ къӕхтыл. 15 Алкӕмӕн дӕр йӕ каст Дӕумӕ у, алкӕмӕн дӕр йӕ афоныл хойраг раттыс. 16 Байгом кӕныс Дӕ арм ӕмӕ алы цардуды дӕр бафсадыс йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг. 17 Дунедарӕг Йӕ алы фӕндаджы дӕр рӕстаг у, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр — хӕрзаудӕг. 18 Дунедарӕг хӕстӕг у, чи Йӕ агуры, уыдонмӕ, рӕстзӕрдӕйӕ Йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. 19 Чи Дзы тӕрсы, уыдонӕн ӕххӕст кӕны сӕ фӕндтӕ, сӕ дзыназын сын хъусы ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕны. 20 Дунедарӕг, чи Йӕ уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕны, ӕнаккӕгты та фесафдзӕн. 21 Дунедарӕгӕн кады ныхӕстӕ уыдзысты мӕ былалгъыл. Алы цӕрӕг уд дӕр кад кӕнӕд мыггагмӕ Дунедарӕджы уаз номӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia