Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 142 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ, ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз: Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ!

2 Дӕ цагъаримӕ ма ӕрлӕуу тӕрхоны — кӕй бон у сраст кӕнын йӕхи Дӕ разы?

3 Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды, раджы чи амарди, уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары.

4 Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.

5 Ӕрымысыдтӕн незамантӕ ӕз, мӕ хъуыдыйы Дӕ алы хъуыддаг дарын, дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.

6 Мӕ цӕнгтӕ ивазын Дӕумӕ, донхъуаг зӕххау Дӕм тырны мӕ уд.

7 О Дунедарӕг, ратт мын тагъддӕр дзуапп: баруади мӕ уд мӕ мидӕг! Дӕ цӕсгом ма ӕмбӕхс мӕнӕй, цӕмӕй ӕз ма уон ингӕнмӕ цӕуӕгау.

8 Сӕумӕйӕ мын Дӕ хорзӕх равдис — Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. Ды сараз раст фӕндагыл мӕн — Дӕумӕ тырны мӕ уд.

9 О Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн знӕгтӕй, ӕххуысагур Дӕумӕ сидын.

10 Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ сахуыр кӕн — Ды мӕ Хуыцау дӕ. Дӕ фарн хӕссӕг Уд мӕ раст фӕндагыл кӕнӕд!

11 Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, о Дунедарӕг, рӕстаг дӕ Ды, фыдбылызӕй мӕ фервӕзын кӕн.

12 Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ ме знӕгтӕн скӕн кӕрон, бабын мын кӕн мӕ фыдгулты, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan