Псаломтӕ 141 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды зондамонӕн псалом. Йӕ куывд, лӕгӕты куы уыдис, уӕд. Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр кӕнын, Дунедарӕгмӕ кувын хъӕрӕй. 2 Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон. 3 Мӕ уд куы бастади мӕ мидӕг — зыдтай мын Ды мӕ фӕндаг. Цы фӕндагыл цыдтӕн, уым мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг. 4 Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы. 5 Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!» 6 Тынг ӕрлӕмӕгъ дӕн, ӕмӕ мын ме ’рдиагмӕ ӕрыхъус! Мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. 7 Мӕ ахӕсты бынатӕй мӕ ракӕн, ӕмӕ ӕз стаудзынӕн Дӕ ном. Рӕстгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕудзысты, Дӕ хорзӕхӕй мӕ куы схайджын кӕнай, уӕд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia