Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 140 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, фӕдисхъӕр Дӕм кӕнын, ӕмӕ мӕм ратындз ӕххуысмӕ! Мӕ хъӕлӕс Дӕм фехъуысӕд, куы Дӕм дзыназон, уӕд!

2 Мӕ куывд Дӕм схӕццӕ уӕд буды хӕрздӕфау! Мӕ къухтӕ Дӕм кӕй ныттыгътон, уый та Дын фӕуӕд изӕры нывондау!

3 О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.

4 Уыцы ахъаз мын бакӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ ӕнаккаг митӕм ма аздӕха, фыдгӕнджытимӕ ӕмдзӕхдон ма уон ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма бадон!

5 Уадз ӕмӕ мӕ бафхӕра рӕстгӕнӕг — уымӕй мын хорзы бацӕудзӕн ӕрмӕст, раст мын цыма мӕ сӕр хӕрздӕфгӕнӕн сойӕ байсӕрста, уыйау. Ӕз та кувдзынӕн фыдгӕнджыты тыххӕй, цӕмӕй фыдмитӕ мауал кӕной.

6 Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ къӕдзӕхтӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, мӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый.

7 Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Раст цыма зӕхх афастӕуыд ӕмӕ йӕ ныммур чындӕуыд, уыйау згъӕлынц не стджытӕ мӕрдтыбӕсты коммӕ».

8 О Дунедарӕг Хуыцау, ӕрмӕстдӕр Дӕумӕ у мӕ каст, мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл: ма мӕ фесаф!

9 Фыдгӕнджыты къӕппӕджытӕй, сӕ ахсӕн хызтӕй мӕ бахиз!

10 Уадз ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ сӕ ахсӕн хызты бахауой сӕхӕдӕг, ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan