Псаломтӕ 139 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз! 3 Уыдон сӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндынц, хӕстӕргомӕй ӕрвитынц сӕ цард. 4 Калмау мӕм сӕ цыргъ ӕвзаг сласынц, сӕ былтыл — калмы марг. 5 О Дунедарӕг, фыдгӕнджытӕй мӕ бахиз, тыхгӕнджытӕй мӕ бахъахъхъӕн: цӕмӕй фӕцудон, уымӕ бӕллынц уыдон. 6 Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой. 7 Ӕз Дунедарӕгӕн загътон: «Ды мӕ Хуыцау дӕ, фехъус мын мӕ куывд, о Дунедарӕг! 8 О Бардарӕг Хуыцау, мӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг! Тохы бон мӕ Дӕ базыры бын бакӕныс! 9 О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕн йӕ фӕндон цы не сӕххӕст уа, йӕ фыдвӕндтӕ ӕнтыстджын цы нӕ уой, уыцы ахъаз бакӕн! Науӕд йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзӕни». 10 Чи мыл ӕртыхсти, уыдон сӕхӕдӕг сӕ фыддзыхты амӕттаг бауӕнт! 11 Судзгӕ цӕхӕр сыл ӕркӕлӕд, судзгӕ сӕрсӕфӕнмӕ сӕ нывзилӕнт, уырдыгӕй куыд макуыуал схизой! 12 Маргӕвзаг адӕймаг не ’рфидар уыдзӕн зӕххыл, фыдлӕгӕн йӕ фыдмитӕ йӕхи сӕрыл ӕрцӕудзысты ӕмӕ бабын уыдзӕн. 13 Ӕз зонын, Дунедарӕг раст тӕрхон рахӕсдзӕн, мӕгуыр адӕмӕн рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл. 14 Рӕстгӕнджытӕ Дын стаудзысты Дӕ ном, рӕстӕй чи цӕры, уыдон цӕрдзысты Дӕ цӕсгомы раз. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia