Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 138 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ды бафӕлвӕрдтай, Дунедарӕг, мӕн ӕмӕ мӕ зоныс.

2 Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын, кӕд сыстын, Ды дардмӕ дӕр мӕ хъуыдытӕ ӕмбарыс.

3 Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.

4 Мӕ былалгъыл нӕма абады дзырд, о Дунедарӕг, афтӕ йӕ фӕзоныс.

5 Разӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр, Дӕ арм мыл дарыс.

6 Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!

7 Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй, Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?

8 Куы ссӕуон арвмӕ — Ды уым дӕ, мӕрдтыбӕстӕм куы ныххизон — уым дӕр Ды.

9 Сӕуӕхсиды базыртыл куы атӕхон ӕмӕ денджызы иннӕ кӕрон куы ӕрцӕрон,

10 уӕд мыл уым дӕр Дӕ арм дардзынӕ, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕндзӕн.

11 Куы зӕгъин ӕз: «О, бамбӕхсӕд мӕ тар, мӕ алыварс нытталынг уӕд бӕстӕ»,

12 уӕд дӕр мӕ тар нӕ бамбӕхсид Дӕуӕй: ӕхсӕв рухс у бонау, рухсӕй уӕлдай нӕу тар.

13 Ды сфӕлдыстай, мӕ мидӕг цы ис, уыдон, мӕ мады гуыбыны мӕ Ды бауӕфтай.

14 Стауын Дӕ, уымӕн ӕмӕ диссаг у ме сконд! Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уый мӕ уд хорз ӕмбары.

15 Сусӕгӕй мӕ куы арӕзтӕуыд, гуыбыны арфы нывӕст куы цыдтӕн, уӕд ме стджытӕ Дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты.

16 Мӕ гуырдз мын уыдтой Дӕ цӕстытӕ; цы бонтӕ мын снысан кодтай, уыдон фыст ӕрцыдысты Дӕ чиныджы, иу дӕр дзы куынӕма уыдис, уӕд.

17 Куыд зын бамбарӕн мын сты Дӕ фӕндтӕ, стӕй куыд бирӕ сты, Хуыцау!

18 Нымайын сӕ бафӕлварин, фӕлӕ уыдон змисӕй фылдӕр сты. Куы райхъал вӕййын, уӕд дӕр — Демӕ!

19 О Хуыцау, куы ӕрцӕвис фыдгӕнӕджы! Цӕугӕут мӕ разӕй, тугдзыхтӕ!

20 Уыдон мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Дӕу тыххӕй, Де знӕгтӕ сӕ дзыхы радавынц Дӕ ном.

21 Дунедарӕг, ӕз куыд нӕ хъуамӕ уынон ме сӕфт, Ды ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уыдонӕй! Куыд ӕлгъаг мын сты Дӕ ныхмӕ цӕуджытӕ!

22 Ме сӕфт сӕ уынын, мӕхицӕн сӕ знагыл нымайын!

23 О Хуыцау, бафӕлвар мӕ ӕмӕ мын базон мӕ зӕрдӕ; бафӕлвар мӕ ӕмӕ мын базон мӕ хъуыдытӕ.

24 Ӕркӕс, кӕд, мыййаг, сӕфты фӕндагыл цӕуын, ӕмӕ мӕ Дӕхӕдӕг сараз ӕнусон фӕндагыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan