Псаломтӕ 137 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды псалом. Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз. 2 Ӕрзоныг кӕнын Дӕ уаз Кувӕндоны раз ӕмӕ стауын Дӕ ном Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдионы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Ды ӕппӕтӕй уӕлдӕр систай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас. 3 Цы бон Дӕм скуывтон, уыцы бон мын дзуапп радтай, ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы. 4 О Дунедарӕг, скадджын Дӕ кӕндзысты ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ, Дӕ комӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд. 5 Стаудзысты уыдон Дунедарӕджы фӕндӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕджы кад. 6 Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ. 7 Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ. 8 Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia