Псаломтӕ 135 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ ныл Уый ауды, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 2 Стаут хуыцӕутты Хуыцауы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 3 Стаут барджынты Барджыны — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 4 Ӕвӕджиауы диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый аразы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 5 Уый Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 6 дӕтты сӕрмӕ айтыгъта зӕхх — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 7 стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 8 Уый сфӕлдыста хур — бонӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 9 мӕй ӕмӕ стъалытӕ — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 10 Уый Мысыры зӕххыл бабын кодта фыццаггуырдты — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 11 ракодта уырдыгӕй Израилы адӕмы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 12 Уый Йӕ къухӕй, Йӕ хъомысджын къухӕй стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 13 Сырх денджызы дон фӕцӕуын кодта фӕйнӕрдӕм — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 14 ӕмдзӕхгӕр сис-уылӕнты ’хсӕнты Израилы адӕмы ракодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 15 фараоны ӕд ӕфсад Сырх денджызы фӕдӕлдон кодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 16 Йӕ адӕмы ахизын кодта ӕдзӕрӕг быдырыл — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 17 стыр паддзӕхты бабын кодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 18 Уый амардта хъомысджын паддзӕхты — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 19 аморӕгты паддзах Сигоны — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 20 Башаны паддзах Огы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 21 сӕ зӕххытӕ сын радта исбонӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 22 Йӕ лӕггадгӕнӕгӕн, Израилӕн, сӕ исбонӕн радта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 23 Не ’фхӕрды заман нӕ Дунедарӕг ӕрымысыд — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у; 24 не знӕгтӕй нӕ фервӕзын кодта — Йӕ хорзӕх мыггамӕ у. 25 Уый алы цӕрӕг удӕн хойраг дӕтты — Йӕ хорзӕх мыггамӕ у. 26 Стаут уӕларвы Хуыцауы — Йӕ хорзӕх мыггамӕ у. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia