Псаломтӕ 134 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй, ӕппӕлут дзы, Дунедарӕджы цагъартӕ, 2 Дунедарӕджы хӕдзары, нӕ Хуыцауы кӕртыты лӕггад чи кӕны, уыдон! 3 Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг у хӕрзгӕнӕг. Стаут ын зарӕгӕй Йӕ ном, уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕхцон у. 4 Дунедарӕг Йӕхицӕн равзӕрста Йаковы, Израилы скодта Йӕ исбон. 5 Ӕз базыдтон: Дунедарӕг стыр у, нӕ Хуыцау у ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр. 6 Дунедарӕджы цы бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ бакӕндзӕн — уӕлӕрвты, зӕххыл, денджызты ӕмӕ ӕнӕбын хуыдымты! 7 Зӕххы кӕрӕттӕй сисы мигътӕ, къӕвдайы рӕстӕг арвӕрттывдтӕ сфӕлдисы, Йӕ ӕвӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ. 8 Уый ӕрцавта Мысыры фыццаг цӕуӕты, адӕймагӕй фосы онг. 9 Уый дӕ зӕххыл, Мысыр, равдыста ӕмбисонды ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ фараон ӕмӕ йӕ адӕмӕн. 10 Ныццагъта бирӕ адӕмты, ӕрцавта хъомысджын паддзӕхты, 11 аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы, стӕй Ханааны паддзахӕдтӕ иууылдӕр. 12 Сӕ зӕххытӕ та сын исбонӕн радта Йӕ адӕмӕн, Израилӕн. 13 О Дунедарӕг! Ӕнусон у Дӕ ном, кад Дын кӕндзысты фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ! 14 Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн хӕсдзӕни рӕстаг тӕрхон, Йӕ лӕггадгӕнджытӕн батӕригъӕд кӕндзӕн. 15 Муртаттӕгты гуымирытӕ лӕджы къухӕй конд сты — ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй: 16 ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ ницы дзурынц; ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ ницы уынынц; 17 ис сын хъустӕ, фӕлӕ ницы хъусынц, сӕ дзыхы та комытӕф дӕр нӕй. 18 Уыдоны хуызӕн суыдзысты се скӕнджытӕ, стӕй сыл йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уыдон дӕр. 19 Израилы адӕм! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн! Аароны байзӕддӕгтӕ! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн! 20 Левитты байзӕддӕгтӕ! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн! Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн! 21 Арфӕгонд у Сионы Дунедарӕг, Йерусалимы цӕрӕг Хуыцау! Алелуйа! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia