Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 131 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. О Дунедарӕг, ӕрымыс Давиды, ӕрымыс ын йӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ —

2 куыд басомы кодта Дунедарӕгӕн, дзырд куыд радта Йаковы Хъомысджынӕн:

3 «Мӕ цатырмӕ нӕ бацӕудзынӕн, мӕ хуыссӕны не ’рхуысдзынӕн,

4 мӕ цӕстытӕ не ’рцъынд кӕндзынӕн, мӕ уӕлтъыфылтӕй хуыссӕг фӕсурдзынӕн,

5 цалынмӕ Дунедарӕгӕн, Йаковы Хъомысджынӕн цӕрӕн бынат ссарон, уӕдмӕ».

6 Йӕ кой уымӕн фехъуыстам Ефрафӕйы, Йаары быдырты йӕ ссардтам.

7 Фӕцӕуӕм Йӕ цӕрӕны размӕ, Бакувӕм Ын Йӕ къахӕвӕрӕны цур!

8 О Дунедарӕг, ӕрцу Де ’нцойады бынатмӕ, Ды ӕмӕ Дӕ хъомысы Чырын.

9 Дӕ сауджынтӕ сӕхи сфӕлындӕнт рӕстадӕй! Дӕ иузӕрдионтӕн сӕ цины хъӕр райхъуысӕд!

10 Давиды, Дӕ цагъары, сӕраппонд, ма атигъ кӕн Дӕхи Дӕ байсӕрстыл!

11 Дунедарӕг Давидӕн ӕнувыдӕй расомы кодта ӕмӕ никуы аивдзӕни Йӕ сомы: «Дӕ паддзахы бадӕны дын сбадын кӕндзынӕн дӕ байзӕддаджы.

12 Мӕ фидыдыл Мын иузӕрдион куы уой, Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕной, уӕд-иу уыдоны байзӕддаг дӕр мыггагӕй мыггагмӕ дӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзысты».

13 Дунедарӕг равзӕрста Сионы сахар, Йӕхицӕн дзы цӕрӕнбынат скодта:

14 «Мӕнӕ Мӕ цӕрӕн ран мыггагмӕ! Ӕрцӕрдзынӕн дзы, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзын!

15 Йӕ хойраджы бӕркадӕн ын раарфӕ кӕндзынӕн, йӕ мӕгуырты йын бафсаддзынӕн дзулӕй.

16 Йӕ сауджынты йын ирвӕзындзинадӕй сфӕлынддзынӕн, уадз ӕмӕ цин кӕной йӕ сыгъдӕджытӕ.

17 Уым Давидӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ хъомыс, Мӕ байсӕрст паддзахӕн йӕ цырагъ ахуыссын нӕ бауадздзынӕн.

18 Йӕ фыдгулты йын фӕхудинаг кӕндзынӕн, уымӕн та йӕ сӕрыл тӕмӕнтӕ калдзӕни кады худ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan